Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады тæфæрфæс Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн Уæрæсейы Федерацийы Минæвар Турчы А.Г. Карловы трагикон мæлæты фæдыл

gerb.jpeg

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад тæфæрфæстæ ракодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн Уæрæсейы Федерацийы Минæвар Турчы А.Г. Карловы трагикон мæлæты фæдыл.


Тæфæрфæсы дзырдæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъыгзæрдæйæ мæсæллæй зæгъы Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Андрей Геннадийы фырт Карловы лæгмарды фæдыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2016 азы 7 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Барамындмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агент Санахъоты М.Б. лæвæрд æрцыд Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвары дипломатон ранг.

Цхинвал, 2016 азы 19 декабрь

Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 38-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2016 азы 13-14 декабры Женевæйы уыд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 38-æм раунд. Дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры цы фидыдтытæ баконд æрцыд, уыдон бындурыл. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ-ы делегацитæ, æмæ ма ЕЦ, ИНО æмæ ОБСЕ-йы минæвæрттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты пресс-службæйы хъусынгæнинаг

13-14 декабры Женевæйы цæуы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы 38 раунд. Хуссарирыстойнаг фарсы сæргъ лæууы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К.


13 декабры Хуссар Ирыстоны делегаци ауагъта дыууæварсон консультацитæ æхсæнадæмон делегациты минæвæрттимæ.
Уагъд ма æрцыд æртæварсон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийæн Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Абхазы делегацитимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А. комментари

8-9 декабры Гамбурджы ОБСЕ Министрты Советæн цы радон рабадт уыд, уым Бæстæты къорд, зæгъгæ, Гуырдзыстоны æмбæлтты номæй рапарахатгонд æрцыд фидиуæн, цыран Уæрæсемæ æрсидтысты, цæмæй аива Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Республикæйы банымад, стæй уæд «Гуырдзыстоны конфликт сабырадон æгъдауæй æрбæстон кæнынмæ», «оккупацигонд территоритæй æфсæддон баиугæндтæ» ракæнынмæ æмæ «ОБСЕ-йы миссийы æххæст уæвынад» Гуырдзыстоны сног кæныны сидт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



6 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Боциты О.И.


Ныхасы рæстæджы Боциты О.И. радзырдта Минæварады уæвæг бадзырдтæм гæсгæ цы куыст цæуы дыууæварсон ахастытæ арф æмæ уæрæх кæныны фæдыл, уый тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

2016 азы 24 ноябры Гуырдзыстоны ФХМ ныммыхуыр кодта радон æрвылкварталон хыгъд «оккупацигонд территоритыл адæймаджы барты ситуацийы тыххæй», ацы хатт ацы азы июлæй сентябры онг периодмæ.


Документ раздæры «хыгъдтæй» зын рахицæнгæнæн у æмæ æххæстæй дзуапп дæтты гуырдзиаг логикæйæн Гуырдзыстоны сыхаг паддзахадтæн – Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазæн негативон хуыз барæй саразыны хъуыддаджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



21 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Италийы Мауро Мурджиа фембæлд Пезаро-Урбинойы Базарадон-амалиуæгадон палатæйы Сæрдар Альберто Друдиимæ.


Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Хуссар Ирыстонимæ базарадон-экономикон æмгуыстады гæнæнтыл æмæ ма иуæй-иу кæрæдзийæн цымыдисаг фарстатыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



22 ноябры Цхинвалы уагъд æрцыд Женевæйаг дискусситы делегацийы хуссарирыстойнаг хайадисджыты сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. фембæлд Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ, кæцытæ æрцыдысты Республикæмæ дискусситы 38-æм раунды агъоммæ.


Фембæлды рæстæджы дзырдæуыд, ацы аз 13-14 декабры Женевæйаг дискусситы радон раунды рæстæджы цы проблемæтыл хъуамæ цæуа дзырд, уыдоныл.