Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - Jul 2010

Date
  • All
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31

July 19th

Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны делегациты иумиаг хъусынгæнинаг Фæскавказы æдасдзинад æмæ сабырдзинады сæраппонд дунеон дискусситы

Женевæ, 8 июня 2010 года

8 июны 2010 азы Женевæйы уагъд цыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл фæлгæтты дунеон дискусситы иуæндæсæм фембæлд. Медведев – Саркозийы 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры сразыдзинæдтæм гæсгæ Женевайы уагъд цы дискусситæ цæуынц, уым æмбар бындурыл хайад исынц Абхазы, Республикæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы, Америкæйы Иугонд Штаты делегацитæ.

РХИ Фæсæрайнаг хъуыддæгты Министры дзуапп ИА «Рес»-ы фарстæн АИШ-ы паддзахадон секретары хъусынгæнинады фæдыл

Фарст: Курæг дæ стæм, цæмæй нын комментаритæ саразат АИШ-ы паддзахадон секретарь Хилари Клинтоны ахæм хъусынгæнинагæн: «Вашингтон архайдзæн, цæмæй Гуырдзыстон æрцæуа деоккупацигонд».

July 8th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

8 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Республикæ Никарагуæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Молина Куадра æмæ Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Уго Хосе Гарсия Эрнандес цытджын æгъдауæй радтой Республикæ Хуссар Ирыстны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Кузьмæйы фырт Муратæн æууæнчы чингуыты халдихтæ.
Баныхасы рæстæджы дзырд цыд иуымиаг цымыдис чи æвзæрыне кæны, къорд ахæм фарстытыл, уыцы нымæцы - паддзахæдты æмкуыстгæнынады фадæттæ.

2010 азы 8-æм июль,