Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Сообщения МИД РЮО

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Итали-Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады æхсæнады делегацийы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæхимæ кæй райста, уый фæдыл
italiya_yuzhnaya_osetiya.jpg

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. æрхуындмæ гæсгæ, 2013 азы 1-3 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдис делегаци Италийæ, Итали æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн хæлардзинады æхсæнады президент профессор Мауро Мурджиайы сæргълæудæй.


Делегацийы Цхинвалы йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А. Уазджытæн, æгасцыт зæгъгæйæ, уый банысан кодта: «Хуссар Ирыстон дарддæр дæр уæрæх кæны йæ дунеон контакттæ æмæ йæхицæн ары ног хæлæрттæ. Гуырдзыстоны политикæ, кæцы здæхт у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы изоляци кæнынмæ, æнæмæнг састы баззайдзæнис. Абон дунейы ничиуал дызæрдыг кæны, растдæр Гуырдзыстон кæй райдыдта хæст 2008 азы августы æмæ мах, æнæмæнг, хъæуы нæ куыст адарддæр кæнын, цæмæй нæ къухты ‘фта, нæ паддзахад нын дарддæр дæр нымайыны хъуыддаг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

albina.jpg

2013 азы 20 майы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты, 1992 азы Зары фæндагыл гуырдзиаг агрессийы амæттаг чи баисты, уыцы сабыр цæрæг адæймæгты нæмттæ мысыны сæраппонд мадзæлттæ.


1992 азы 20 майы æрхъулагонд Цхинвалы горæты иннæ дунеимæ чи баста, Зары уыцы Царды фæндагыл комкоммæ æхст æрцыдис, бахъахъæнæг кæй нæ уыдис, уыцы сывæллæтты, сылгоймæгты æмæ зæрæдты машинæйы колоннæ. Фæмард дзы сты 33 адæймаджы æмæ дзы 16 та фесты цæфтæ. Чи фæмард, уыдонæй се ‘ппæты хистæрыл цыдис 73 æмæ æппæты кæстæрыл та – 11 азы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

zheneva.jpg

2013 азы 17 майы Женевайы дискусситы хайадисæг хуссарирыстойнаг делегацийæн Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинад æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй Цхинвалы фембæлдысты Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевайы дискусситы æмсæрдæрттæ ЕЦ, ЕЦÆО æмæ БНО-йы æмсæрдæрттимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

san_i_chir.jpg

2013 азы 16 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. официалон визиты уыдис Сухумы, кæцыран хайад райста Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад саразыныл 20 азы сæххæсты боны цытæн уагъдцæуæг мадзæлтты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2013 азы 24 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. Мæскуыйы йæ кусæгон балцы рæстæджы фембæлдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг статс-секретарь Г.Б. Карасинимæ.


Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны дывæрсыг ахастыты актуалон фарстытыл, сæ политикон æмархайдыл, афтæ ма Хуссар Кавказы ныры ситуацийы иуæй-иу аспекттыл дæр.


Цхинвал, 2013 азы 25 апрель

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

bociev.jpg
Боциты Олегы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй Республикæ Абхазы снысан кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. 2013 азы 15 апрелы Указæй Боциты Олег Ильяйы фырт нысан æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй Респуликæ Абхазы.


Цыбыр биографион зонæнтæ:

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг Женевæйы дискусситы 23 раунды тыххæй

2013 азы 26-27 марты дунеон дискусситы фæлгæтты Женевæйы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл радон фембæлд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Абхазы Республикæ, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци æмæ АИШ-ы делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, ИНО æмæ ЕÆÆО-йы минæвæрттæ. Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргъ лæууыди уавæры фæсконфликтон æрбæстон кæныны фарстыты фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

img_0477.jpg

2013 азы 13 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон балцимæ уыдис Женевæйы дунеон дискусситы Æмсæрдæртты делегаци. Делегацийы Цхинвалы сæхимæ райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады минæвæрттæ фæсконфликт æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2013 азы 5 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цыхуырбаты Казбулат йæхимæ райста Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Цхинвалы офисы сæргълæууæг Лианæ Хатчинсы.


Ныхасы рæстæджы æхсин Хатчинс информаци сарæзта фæстаг мæйты дæргъы Хуссар Ирыстоны йæ организацийы куысты тыххæй, сæрмагондæй уынаффæ цыдис, гуманитарон характер кæмæн ис, къорд ахæм практикон фарстытыл.

Дыууæ фарсы дæр загътой дарддæр дæр æмгуыстгæнынадмæ сæ цæттæдзинады тыххæй.


Цхинвал, 2013 азы 5 март.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2013 азы 21 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д. Г. Мæскуымæ йæ кусæгон балцы рæстæджы фембæлдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг, статс-секретарь Г. Б. Карасинимæ. Фембæлды ма уыдис РХИ Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М. К.


Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дывæрсыг ахастыты актуалон фарстытæ æмæ Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы цы уавæр ис, уыимæ баст фастытæ дæр.