Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - Apr 6, 2015

Date
  • All
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

31 марты гуырдзиаг лидер Георгий Маргвелашвили парламенты йæ æрвылазон хыгъды Гуырдзыстоны сæйраг нысаныл банымадта бæстæйы иудзинад æмæ æнæхъæндзинад, кæцы, зæгъы, цæмæй сæххæст уа, уый тыххæй «æнæмæнг хъуыддаг у Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны кæронмæ æсоккупаци кæнын».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырдыл. Документыл къухтæ’рфыссын равзæрын кодта стыр резонанс. Гуырдзыстон æмæ ныгуылæйнаг къорд бæстæйы, объективон æцæгдзинад нæ нымайгæйæ, Бадзырдыл къухтæ ‘рфыссын банымадтой Дунеон барад фехалыныл.