Archive - Jan 2016
January 29th
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий
27 январы Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны развæлгъау æркасты палатæ сфидар кодта, 2008 азы 1-æм июлæй 10-æм октябрмæ «Хуссар Ирыстон æмæ йæ алфæмблай» цы хæстон фыдракæндтæ, стæй адæймагдзинады ныхмæ фыдракæндтæ æрцыд арæзт, уыдон раиртасыны тыххæй ÆУТ-ы прокурор Фату Бенсудайы домæн.
Республикæ Хуссар Ирыстон разы у ацы уынаффæимæ æмæ, кæд Ромаг Статуты архайд нæ территоримæ нæ æххæссы, уæддæр æвдисы объективон æмæ профессионалон фæдæсгæрстæн ахъаз кæнынмæ цæттæдзинад.
January 19th
ÆИА «Хуссар Ирыстон абон»-æн РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполаты комментарий
РХИ æмæ УФ-йы æхсæн æмцæдис æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырды фæлгæтты уæлæмхас фидыдтытæ саразыны рæстæджы «пакетон принцип»-æй спайда кæныны гæнæнты фæдыл
Æхсæнадæмон ахастыты цалдæр дыууæварсон фидыды уыцы иу рæстæджы æрфыссыны практикæ ис, фæлæ стæм хатт æмбæлы. Арæхдæр уый саразынц бæстæты сæргълæуджыты визит кæнæ стыр æхсæнадæмон форумы рæстæджы. Уæд вæййы дзурæн æхсæнадæмон фидыдтыты пакетыл къухтæ æрфыссыныл. Ацы практикæ æнæмæнгхъæуæг нæу.