Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive

November 10th, 2016

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари

Æрæджы дзыллон информацийы фæрæзты фæзындысты Гуырдзыстоны патриархийы делегаци æмæ Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-йы Генералон секретары минæвар Джеймс Аппатурайы фембæлды тыххæй публикацитæ. Гур æмæ Атъены митрополит куыд загъта, афтæмæй фембæлды рæстæджы дзырд цыд «Абхаз æмæ Самачаблойы уæззау уавæрыл».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн

«НАТО-Гуырдзыстон 2016»-ы ахуырты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æвдисы тыхстдзинад 10-20 ноябры цы ахуыртæ хъуамæ æрцæуой уагъд «НАТО-Гуырдзыстон 2016», зæгъгæ, уыдон тыххæй. Ацы ахуырты сæйраг хæс нысангонд æрцыд, куыд «Гуырдзыстон, альянс æмæ партнер-бæстæты æфсæддон тыхты кæрæдзи æмбарындзинад фæбæрзонддæр кæнын, æмæ сæ къухдариуæгад æмæ контрол кæныны гæнæнтæ фæфылдæр кæнын».

November 2nd

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. дзуапп ИА «Рес»-ы корреспондентæн

dzhioev_m.k.jpg

- Хуссар Ирыстон банымадта ДАР æмæ ЛАР-ы хæдбардзинад 2014 азы июны. Республикæтæ банымайыны тыххæй бардзырды фæстæ РХИ Президент Тыбылты Л.Х. бахæс кодта ФХМ-йæн семæ дипломатон ахастытæ саразын. Цавæр æвæрццаг фæстиуджыты тыххæй ис радзурæн уæ куысты ацы фадыджы?


— Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ гæсгæ йын йæ æддагон политикæ бæрæг кæны РХИ Президент, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад та у æххæстгæнæг оргæн, кæцы реализаци кæны паддзахады иумæйаг æддагон политикон хахх.

October 26th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



26 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста хæдбар æхсæнадæмон эксперт Душан Игньятовичы, кæцы ОБСЕ-йы æрхуындмæ гæсгæ 2015 азæй фæстæмæ архайы, гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн сæфт Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты ссарыныл.

October 17th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари

13 октябры ПАСЕ-йы фæззыгон сессийы пленарон рабадты Германийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, ОБСЕ-йы архайæг сæрдар Франк-Вальтер Штайнмайер йæ раныхасы Европæйы тыгъдады адæймаджы барты ситуацийыл дзургæйæ загъта йæ хъуыды Хуссар Ирыстоны тыххæй, æмæ йæ, куыд адæймаджы бартæм цæстдарæг, афтæ схуыдта «цъæх зонæ» æмæ «сау хуынкъ».

October 6th

Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 37-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2016 азы 4-5 октябры Женевæйы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон раунд, цыран хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федерацийы æмæ АИШ-ы делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО-йы минæвæрттæ.

October 4th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты пресс-службæйы хъусынгæнинаг

4-5 октябры Женевæйы цæуы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон, 37-æм раунд. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг у РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К.


4 октябры Хуссар Ирыстоны делегаци ауагъта дыууæварсон консультацитæ æхсæнадæмон организациты минæвæрттимæ. Боны дæргъы уагъд æрцæудзысты æртæварсон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийæн Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Абхазы делегацитимæ.

September 29th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



29 сентябры Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кæрæдзимæ лæвæрд æрцыдысты, 2015 азы 18 февралы æрфыст Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн паддзахадон арæны тыххæй Бадзырды ратификацион грамотæтæ.

September 27th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

27 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уыд фембæлд Женевæйаг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджытæн, сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К., Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттимæ, Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинады фарстаты фæдыл уæрæсейаг делегацийы уæнгтимæ – СНГ бæстæты цыппæрæм департаменты директоры хæдивæг А.А. Двинянин æмæ Министры уынаффæгæнæг М.М.

September 20th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

20 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. йæхимæ райста Днестыргæрон Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Игнатьев В.В., уый Хуссар Ирыстонмæ æрцыд Республикæйы Боны 26 азы цытæн уагъд бæрæгбонон мадзæлттæм Днестыргæрон Молдаваг Республикæйы делегацийы сконды.