Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - 2012

August 8th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæниаг

2012 азы 8 августа г.Цхинвал РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады инициативæйы уагъд æрцыдис тымбыл фынг "Ирон ныхас". Дискуссийы хайад истой ирон общинæты минæвæрттæ Белгийæ, Нидерландтæй, Уæрæсейы Федерацийы регионтæй, Сирийæ, Туркæй, Францæй, Голландийæ, Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ирон зонады зынгæ минæвæрттæ. Тымбыл фынгы уынаффæ цыдис 2008 азы августы цаутыл ирон-гуырдзиаг æмахастыты ретроспективæйы. Уымæй дардæр ма ныхасы рацæуджытæ æруынаффæ кодтой ирон диаспорæйы ролыл бæстæйы царды æмæ диаспорæйы проблемæтыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хæдивæг статс-секретарь Г.Б.Карасинимæ телефоны кæй ныхас кодта, уый фæдыл

8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. телефонæй ныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг статс-секретарь Г.Б.Карасинимæ.

August 7th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, зæрдылдарæн мадзæлтты фæлгæтты, 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы цыппæрæм азы цытæн, дард æмæ æввахс фæсарæнты ирон диаспорæты хайадистæй ауадздзæн тымбыл фынг «Ирон ныхас».

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусынгӕнинаг.

6 июлы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Санахъоты Давид кусӕгон визиты уыдис абхазы Республикӕйы ӕмӕ фембӕлдис Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр В.Чирикбаимӕ.

August 2nd

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Абон Мæскуйы, Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры фыццаг хæдивæг Цыхуырбаты Къазбулаты фембæлд Республикæ Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Карен Кекеимæ, кæцы Мæскуыйы ис кусæгон балцы.

Фембæлды ма хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Медойты Дмитрий.

July 21st

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари Сирийы ситуацийы рæзты фæдыл

Сирийы цы кризис рæзы, уый Хуссар Ирыстоны æвзæрын кæны тынгæй-тынгдæр катай. Ацы бæстæйæ цы хабæрттæ хъуысы, уыдон æвдисæн сты Дамасчы ног хæстон инциденты, тугкалды, теракты æмæ сабыр цæрджыты ‘хсæн бирæнымæц амæттæгтæн.

Сири абон æвзары вазыгджын рæстæджытæ æмæ фыццаг рады та – афтæхуыйнæг фæсарæйнаг хæрзмæбæлджыты аххосæй, кæцытæ иуæй дзурынц, зæгъгæ, хæцынц демократийы фарс, æмæ иннæрдыгæй та боевикты хотыхджын кæнынц, афтæмæй кæрæдзийыл ардауынц ныхмæлæуд фæрсты, цырен кæнынц дарддæры æгъатыр æмæ æнæбафидаугæ конфронтаци.

July 19th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаджы фæдыл

2012 азы 16 июль Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад цы хъусынгæнинаг апарахат кодта,уым зæрдæрисæй дзырдæуы Хуссар Ирыстонмæ сурзæххон æфсадыл сæйрагкомандæгæнæг инæлар-булкъон Владимир Чиркины тыххæй,кæцы визиты уæвгæйæ,цыма фехæлдта «Гуырдзыстоны падзахадон арæнтæ,æрцыдис Уæрæсе кæй сокупаци кодта, Гуырдзыстоны уыцы регионмæ - Цхинвалы регион æмæ Абхазмæ».

July 18th

Республикӕт Хуссар Ирыстоны Президенты Указ Санахъоты Д.Г. Чрезвычайон ӕмӕ Ӕххӕстбарджын дипломаты ранг раттыны тыххӕй.

Республикӕ Хуссар Ирыстоы Фӕсарӕйнаг Хъуыддӕгты министр Санахъоты Дауыт Георгийы фыртӕн лӕвард ӕрцӕуӕт Чрезвычайон ӕмӕ Ӕххӕстбарджын Минӕвары дипломатон ранг.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.

Цхинвал,
2012 азы 18 июл
№160

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты Указ Санахъоты Д.Г. Чрезвычайон ӕмӕ Ӕххӕстбарджын дипломаты ранг раттыны тыххӕй.

Республикӕ Хуссар Ирыстоы Фӕсарӕйнаг Хъуыддӕгты министр Санахъоты Дауыт Георгийы фыртӕн лӕвард ӕрцӕуӕт Уӕлвӕткон ӕмӕ Ӕххӕстбарджын Минӕвары дипломатон ранг.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.

Цхинвал,
2012 азы 18 июл
№160

July 13th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давиды интервью информацион агентад «Рес»-æн

david.jpeg - - Цъахæм аргъ кæныс Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыстæн, Дæу дзы куы баурæдтой, уæды онг? Ведомствойы кæцы фæдыздæхт Дæ фæнды фæтыхджындæр кæнын æмæ уый тыххæй цахæм мадзæлттæ аххæст кæнын ис Дæ зæрды?

— Уыцы азты дæргъы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад бакодта тынг стыр куыст. Аз афтæ æнхъæлын, æмæ алы этапы дæр æххæстгонд æрцыдысты æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ æддагон-политикон уагдоны ‘рдыгæй.