Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - 2012

July 13th

Сообщение Министерства иностранных дел Республики Южная Осетия

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусынгӕнинаг.

2012 азы 14 июлы Хуссар Ирыстоны столицӕйы уагъд цӕуынц зӕрдылдарӕн мадзӕлттӕ Фидауынгӕнӕг тыхты боны цытӕн. Растдӕр 20 азы размӕ Уӕрӕсе, Гуырдзыстон, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сӕргълӕуджытӕ г. Сочиты къухтӕ кӕуыл ӕрфыстой, уыцы Фидыды гуырдзиаг-ирон конфликты ӕрбӕстон кӕныны бындурондӕр принципты бындурыл 1992 азы 24 июны гуырдзиаг ирон конфликты зонӕмӕ баконд ӕрцыдысты ӕртӕварсон фидауынгӕнӕг тыхтӕ. Уыдон уыдысты кӕрӕдзийы ныхмӕлӕууӕг фӕрсты ‘хсӕн буфер.

July 11th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг ОБСЕ ПА Гуырдзыстоны тыххæй резолюци кæй райста, уый фæдыл

2012 азы 9 июлы Монакойы ОБСЕ Парламентон Ассамблейы æрвылазон рабадты рахæцыдис польшæйаг депутат Михаил Щерба «Гурдзыстоны ситуацийы тыххæй», зæгъгæ,цы резолюци бавдыста,уый фарс. Резолюцийы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хонынц «оккупацигонд территоритæ» .

July 6th

Республикæ Хуссар Ирыстон Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблея лигъдонты тыххæй резолюци кæй райста, уый фæдыл

2012 азы 3 июлы ИНО Генералон Ассамблей хорзыл банымадта, Гуырдзыстон хъæлæс кæнынмæ кæй рахаста, уыцы резолюциты проект «Мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдысты цæрынмæ, уыдон æмæ Абхазæй, Гуырдзыстонæй æмæ Цхинвалы районæй (Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон) æмæ лигъдæтты тыххй резолюцийы проект» Гуырдзыстоны делегаци Генассамблейы секретариатмæ ацы резолюци 2008 азы августæй фæстæмæ бахаста ныр æртыккаг хатт, уымæй дæр резолюцийы текст бынтондæр у раздæры азты документы хуызæн, кæцыты фæрцы йæ фæнды æмæ бафæлвара политикон-дипломатонметодтæй ситуацииннæрдæм аздæхыныл, ома гуманитарон тематикæтæ

July 3rd

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Зардианткъарты (Гуырдзыстон) гуырдзиаг полицæйы пост ахæссыны фæдыл

2012 азы 29 июны Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад йæ полицæйы пост ахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны аранмæ цалдæр сæдæ метры хæстæгдæр Зардианткъарты (Гуырдзыстон) хъæумæ, кæцы ис хуссарирыстойнаг хъæу Хелцуайы ныхмæ.Уый стыр æндыгъддзинад сæвзæрын кодта, ацы хъæуты цы ирон нациты адæймæгтæ цæрынц, уыдон æхсæн.

June 27th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. фембæлдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæнаг хъуыддæгты министры хæдивæг, статс-секретарь Г.Б.Карасинимæ

2012 азы 25 июны Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæнаг хъуыддæгты министрады бæстыхайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг-статс-секретарь Г.Б.Карасинимæ.

Ныхасы рæстæджы æруынаффæ кодтой æттагон-политикон фæдæздæхтыты æттаггон-политикон, экономикон æмæ культурон æмкуысткæнынады дарддæры рæзтыл, афтæ ма банысан æрцыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады проблематикæйы Женевайы дискусситы нысаниуæг.

Цхинвал,
2012 азы 26 июн.

June 23rd

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 21 июны Санкт-Петербургы йæ куыст райдыдта æртæбонон ХVI Дунеон экономикон форум. Мадзалы хайад исынц цалдæр мин адæймаджы. Уыдон æхсæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци. Делегацийы сты фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Санахъоты Д.Г., экономикон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Хæбæлаты А.К. æмæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Медойты Д.Н.

June 13th

Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварады нотæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы Федерацийы арвыста нота Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады адресыл, кæцыйы дзырдæуы:

Уæрæсейы уæвæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад зæгъы стыр кад кæй кæны Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хæдбар Паддзахадты Цæдисы бæстæты Цыппæрæм Департаментæн æмæ йæ хицæн кады хъуыддагыл нымайы, цæмæй йæм арвита æмæ йын зæрдæбынæй раарфæ кæна Уæрæсейы Боны цытæн.

June 12th

Минӕварад арвыста нотæ Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады адресыл, кӕцыйы дзырдӕуы:

Уӕрӕсейы уӕвӕг Республикӕ Хуссар Ирыстоны Минӕварад зӕгъы стыр кад кӕй кӕны Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады Хӕдбар Паддзахадты Цӕдисы бӕстӕты Цыппӕрӕм Департаментӕн ӕмӕ йӕ хицӕн кады хъуыддагыл нымайы, цӕмӕй йӕм арвита ӕмӕ йын зӕрдӕбынӕй раарфӕ кӕна Уӕрӕсейы Боны цытӕн.

June 8th

Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæртты иумиаг хъусынгæнинаг Женевæйы дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл

Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты терминтæ «оккупаци», «оккупацигонд территоритæ»-йы æмбарынадæй кæй пайда чындæуы, уый тыххæй.

Республикæ Абхазы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ нысан кæнынц Женевæйы дискусситы 20-æм раунды фæлгæтты чи уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахастыты терминтæ «оккупация», «оккупацигонд территоритæ»-æй æнæбындурæй кæй пайда чындæуы, уыцы нымæцы дунеон барады нормæтæ æмæпринципты цæстæнгасæй дæр, ууыл уынаффæ кæнын.

June 7th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Батумы брифингы Хиллари Клинтоны хъусынгæнинаджы фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад серьезон катайдзинад зæгъы АИШ паддзахадон секретарь Хиллари Клинтон 5 июны Батумы брифингы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы цæрджытæн «афтæхуыйнаг нейтралон паспорттæ дæттыны хъуыддаг банымайыны» тыххæй цы хъусынгæнинаг сарæзта, уый фæдыл.